Skip to main content
Новости

Этникон уæлæдарæсы фестиваль «Рон» ацæудзæн Дзæуджыхъæуы горæты бон

By 07.11.2021No Comments

Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодтой мадзал аразджытæ — «РЦИ-Аланийы адæмон ӕрмдӕсныты аивадон сфæлдыстадты иугонд».

Этникон уæлæдарæсы фестиваль «Рон» ацæудзæн Дзæуджыхъæуы горæты бон. Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодтой мадзал аразджытæ — «РЦИ-Аланийы адæмон ӕрмдӕсныты аивадон сфæлдыстадты иугонд».

Адæмы размæ сæ этникон коллекцитæ рахæсдзысты Башкотарстан, Хъæрæсе-Черкесæй, Стъараполы край, Дагестан, Цæцæн æмæ Хуссар Ирыстонæй дизайнертæ. Цæгат Ирыстоны бацæттæ кодтой 12 алыхуызон коллекцийы. Уыимæ ма, æртæ бæстыхайы цæттæгонд æрцæудзысты армукъатæ. Цæрджытæ æмæ уазджытæн ам сæ бон уыдзæн хъæдӕрмæгимæ бакусын, нымæт худтæ аразын, цыллæ хызтæ бийын æмæ куклатыл ныв кæнын. Æппæт мадзæлттæ дæр ацæудзысты 25-æй 26-æм сентябрмæ.

Leave a Reply